Советон дуджы сырæзт æмæ ленинон националон политикæйы руаджы дидинæг рафтыдта ирон театр. Театримæ сфæлдыстадон æгъдауæй сырæзт æмæ сфидар ирон театралон профессионалон аивады аразджыты дæсныйад дæр.
Дзырд дæр ыл нæй, ирон театр стыр хъомыладон хæцæнгарз кæй у фæллойгæнæг массæты коммунистон зондахасты хъомыл кæныны хъуыддаджы. Уымæ гæсгæ театрзонæг Бæциаты Агуыдз ацы чиныджы бафæлвæрдта, Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны ирон театры сценæ сæрыстыр кæмæй у, уыдонæй цалдæры сфæлдыстадыл арф æмæ лæмбынæгæй æрдзурын. Абоны онг нæ театры дæсныты сфæлдыстадыл хицæн чысыл рецензитæ æмæ фиппаинæгты йеддӕмӕ мыхуыры никуы ницы фæзынд. Афтæмæй та театралон спецификæ куыд у, уымæ гæсгæ, актер сценæйыл цы фæлгæндзтæ саразы, цы арæхстдзинад æм вæййы, æмæ фæлгæндзты цы аивадон ахорæнтæй сфæлындзы, уыдон йæ рæстæджы нысан куы нæ ʼрцæуынц мыхуыры, уæд театры репертуарæй спектаклы систы фæстæ бынтон-быны рох фæвæййынц. Никуы баззайы актеры хъазты фæд, нæ дæр исты ахъаз фæвæййынц, йæ фæстæ сценæмæ чи ʼрбацæуы, уыцы кæстæр фæлтæрæн, ома æвзонг актерæн йæ размæйы дæсныты хъазтыл ахуыр кæныны фадат нал вæййы, сæ хъазт сын сценæйыл кæй нæ фены, искуы сын сæ дæсныйады тыххæй мыхуыры бакæса, уымæн дæр ын амал кæй нæ вæййы, уый тыххæй.
Аннæмæй та, сценæйы дæсныдæрты хъазты ног индивидуалон ссаргæ детальтæ, аивадон фæрæзтæ, фæлгæндзты арф райхæлд, эмоционалон æнкъарæнтæ æмæ æндæр ахæм æууæлтæ иумæ райсгæйæ сты театралон аивад.
Гъе, уымæ гæсгæ, гуырысхойаг нæу чиныг «Адæмы фарнæй» стыр ахъаз кæй фæуыдзæн, сомбон ирон театры истори чи фæлгъауа, уымæн. Ацы ахсджиаг хъуыддаг хынцгæйæ рауагъдад «Ирыстон» æнæмæнг хъæуæгыл нымайы ахæм чингуыты сери рауадзын.