خبرفوری

آهنگیفای

TrueCaller

Notcoin Community

Whale Chanel

Proxy MTProto | پروکسی

iRo Proxy | پروکسی

Findo Lucky

My Proxy | مای پروکسی

خبرفوری

آهنگیفای

TrueCaller

Notcoin Community

Whale Chanel

Proxy MTProto | پروکسی

iRo Proxy | پروکسی

Findo Lucky

My Proxy | مای پروکسی

خبرفوری

آهنگیفای

TrueCaller

СапÆ
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
TGlist reytingi
0
0
TuriOmmaviy
Tekshirish
TekshirilmaganIshonchnoma
ShubhaliJoylashuvРосія
TilBoshqa
Kanal yaratilgan sanaJan 18, 2024
TGlist-ga qo'shildi
May 27, 2024Muxrlangan guruh

СапÆ Chat
4
Rekordlar
25.02.202503:17
1.3KObunachilar18.02.202512:01
200Iqtiboslar indeksi03.06.202423:59
2.3KBitta post qamrovi17.12.202410:06
108Reklama posti qamrovi23.01.202520:43
12.35%ER03.06.202423:59
228.60%ERR23.02.202516:59
📺 Гуырдзиагау «Мимино», иронау — уари. Сурӕт та иу у ӕмӕ йӕм алчи ӕхсызгонӕй бакӕсы. Кӕм худгæ акæнынц иумӕ, кæм та хъуыдыты ацӕуынц.
Абон уын лӕварӕн гыццыл скъуыддзаг.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Абон уын лӕварӕн гыццыл скъуыддзаг.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

23.02.202508:00
🔻Абон у Фыдыбӕстӕ хъахъхъæнӕджы бон. Райгуырӕн бӕстӕйы райдзаст фидӕн чи хъахъхъӕны, уыдонӕн арфӕ кӕны «Сапӕ» дӕр. Фӕнды нӕ, цӕмӕй уӕ хӕцӕнгарз райсын макуыуал бахъӕуа. Уӕ фидар къухты рӕзгӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕ адӕм куыд уой, уӕ ныфс ӕмӕ лӕгдзинад цард размӕ куыд тӕра ӕмӕ йӕ рӕсугъддӕр куыд кӕна, уӕ мидбылхудт та уӕ хотых куыд уа.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
25.02.202514:15
Абон стыр фыссӕг ӕмӕ зынгӕ ахуыргонд Джыккайты Шамилыл сӕххӕст уыдаид 85 азы.
🔻«Абоны фадæтты нæй Дон Кихот, Гамлет, Фауст. Æмæ нæй Сервантес, нæй Шекспир, нæй Гете. Абон ис гыццыл адæймæгтæ æмæ сын ис къаннæг нывгæнджытæ», – фыста Шамил. Фæлæ куыд ис гыццыл схонæн, Джыккайы-фырты хуызӕттӕ кӕй ӕхсӕн сӕнтысы, ахӕм адӕмӕн, ӕмӕ куыд ис къаннӕг схонæн Шамилы? О, махмæ нæй ирон толстойтӕ æмæ ирон шолоховтæ. Фæлæ нæм ис, йæ дуг æмæ йæ адæмы тыххæй аккагдæр ныхæстæ чи ссардта, ахæм фысджытæ – Шамилы хуызæн фысджытæ.
«Куы цæрæм – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы хауæм – уæд ыстъалыйау бæрзондæй...» Шамил йæхæдæг дæр фаг нæ фæцард, – цы у æвдай иу аз ахæм лæгæн! – фæлæ фæцард рæстæй æмæ хаугæ дæр дæр ракодта бæрзондæй. Йæ кадæн та хауæн нæй, ирон аив литературæйы йæ ном хæссæг стъалыйæн ахуыссæн куыд нæй, афтæ.
➡️ Абон уын уæ рæгъмæ хæссæм йе 'мдзæвгæтæй ист рæнхъытæ.

24.02.202508:00
Бырынцъаджы аххосӕй чи ахауд, уымӕн компенсаци бафидыны фӕтк ӕмбарын кӕны республикӕйы Роспотребнадзор
🔻Бырынцъаджы аххосӕй чи ахауд ӕмӕ чи фӕцӕф, уымӕн компенсаци хъуамӕ бафида, салд фӕзуат кӕм ис, уый ӕфснайӕг организаци.
▫️Хӕдзары алфӕмблай фӕзуат салд кӕй у, уый та у разамынддӕттӕг компанийы аххос.
▫️Дукани кӕнӕ исты уагдоны асинты исчи ахаудис ӕмӕ чи фæцӕф, уый ӕххуыс агурын хъӕуы сӕ хицӕуттӕй.
▫️Уынджы, ӕрлӕууӕн кӕнӕ ӕхсӕнадон бынаты салд зӕххыл чи фӕкалд, уый хъаст бадӕттын хъӕуы муниципалитетыл.
Цӕмӕй фиддон-компенсаци къухы бафта, уый тыххӕй хъӕуы:
▫️Кӕм фӕцӕф, уырдыгӕй ма ацæуын æмæ тагъд ӕххуысы дохтыртӕм бадзурын. Уыдон хъуамӕ гӕххӕттыл фӕбӕрӕг кӕной, фыдбылыз кӕм ӕрцыд, уый. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд ӕвдисӕнты ном ӕмӕ мыггӕгтӕ ныффыссын ӕмӕ искӕй ракурын фыдбылыз видеомӕ сисын
▫️Бацагурын медицинон ӕххуыс, райсын справкӕ. Хъуамӕ дзы амынд уой, бырынцъаг бынат кӕм уыд, уый ӕмӕ цавӕр цӕфтӕ райста, уый. Адӕймагмӕ ма хъуамӕ уой, йӕхи сдзӕбӕх кӕныныӕн цы ӕмӕ цас схардз кодта, уый тыххӕй хосты ӕмӕ медицинон лӕггӕдты чектӕ ӕмӕ квитанцитӕ.
▫️Аххосджын куы сбӕрӕг уа, уӕд сӕм хъӕуы хъасты гӕххӕтт ӕрбарвитын (кӕнӕ ӕрбахӕссын) ӕмӕ сӕ компенсаци æрдомын, йӕ аххосыл куы нӕ сӕтта, уӕд та тӕрхондонмӕ бахъаст кӕнын.
➡️ Хъыгдардбаййафӕджы бон у тӕрхондонæй домын, цæмæй йын бафидой йæ мызд, цас нӕ куыста, уыцы рӕстӕгӕн, афтæ ма уæлæмхасæн хӕрдзтæ, уыимӕ ма тӕрхондонӕн гӕххӕттытӕ ӕмбырд кӕныныл цы схардз кодта ӕмӕ йӕ удӕн цы зиан ӕрхаста, уый дӕр.

25.02.202508:25
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветеранты къамтӕ рекламон фӕйнӕджытыл æмæ уарттыл лæвар уыдзысты ӕрмӕстдӕр 10 маймӕ
🔻Фылдӕр рӕстӕг сӕ ныууадзынӕн фадат нӕ уыдзӕн. Уыимӕ ӕхцайыл дӕр. Фарон уыцы гӕнӕн уыд. Ацы аз 11 майы къамтӕ исын райдайдзысты. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдтой рекламон агентадтӕй иуы.
💬 «Рекламӕ чи дӕтты, уыдонимӕ нын бадзырдтӕ ис æмӕ сӕ сӕрты хизын нӕ бон нӕу. Хӕстонты хиуӕттӕ нӕ бамбарӕнт, тынг сӕ кӕд фӕнды, уӕддӕр ахӕм гӕнӕнтӕ нӕй», — радзырдтой агентады.
Акци «Посмотри на их лица»-йы фӕлгӕты хӕсты архайджытимӕ рекламон фӕзтӕ уыдзысты ӕгас республикӕйы. Хӕрдзтӕ сӕхимӕ райстой бынӕттон администрацитӕ. Кӕй къам кӕм уыдзӕн, уый равзарӕн нӕй.
Акцийы бацархайынӕн курдиӕттӕ исын ныридӕгӕн райдыдтой. Бадæттæн сӕ уыдзæн 17 мартъимӕ. Дзӕуджыхъӕуы администрацийы куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ивгъуыд азты курдиӕттӕ чи лӕвӕрдта, уыдонӕй сарӕзтой къамты номхыгъд. Радтой сӕ агентадтмӕ. Раздӕр чи ӕрбахаста йӕ хӕстоны къам, уыдоны ногӕй цӕуын нал хъӕуы. Фыццаг хатт чи архайы акцийы, уыдонӕн та сæ бон у бирӕфадатджын центртӕм къамтӕ ӕрбахӕссын ӕмӕ курдиӕттӕ бадӕттын.
➡️ Фыццаг билбордтӕ республикӕйы фӕзындзысты 28 апрелы.

24.02.202512:03
Бырӕтты обӕуттӕ ӕмӕ тӕфгӕнаг цӕугӕдон: Ӕрыдойнаг уынджы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц быронӕппарӕн контейнертимӕ фӕзӕй
🔻Ацы уынджы 262 хӕдзары цур ӕвӕрд контейнертӕм бырӕттӕ ӕгас горӕтӕй ласынц. Ам аппарынц арӕзтадон хауӕццӕгтӕ дӕр. Афтӕмӕй сихормӕ бактӕ байдзаг вӕййынц ӕмӕ уӕд бырӕттӕ урнӕты цур ӕппарын райдайынц.
💬 «Сӕрмагондӕй сæ ардӕм ӕрбаласынц. Уыимӕ уӕзласӕн машинтӕ дӕр. Контейнертӕ дзаг кӕй сты, уый дӕр сӕ нӕ уромы, акалынц сӕ. Ӕмӕ дзы цынӕ фендзынӕ: зӕронд дивантӕ, саст рудзгуытӕ, стыр къоппытӕ», — зӕгъы хӕстӕг хӕдзары цӕрӕг Цъыккаты Зӕринӕ.
Цӕрджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, бырӕттӕ ӕппарӕн фӕз санитарон нормӕтӕн дзуапп нӕ дӕтты. Фыццаджыдӕр, цӕрӕн хӕдзӕрттӕм ӕгӕр хӕстӕг лӕууынц. Дыккаджы та фондз контейнерӕй фылдӕр хъуамӕ ма уой. Афтӕмӕй та дзы авд бакы ис. Сӕрдыгон сӕ рӕзты ацӕуӕн нӕ вӕййы.
💬 «Сӕрд куы ӕрцӕуы, уӕд хӕринӕгты хауӕццӕгтӕ, харбызы ӕмӕ неситы цъӕрттӕ ныддон вӕййынц, уый тӕдзы. Бырӕттӕ тӕф кӕнынц, бындзыты бын фӕвӕййынц. Цалдӕр хатты куырдтон дезинфекци скӕнын, фӕлӕ ницы. Сымах ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнут, ам цы тӕф фӕкӕны, уый», — дзуры Зӕринӕ.
Регионон оператор «ЭРА» ацы фӕзӕй бырӕттӕ бон цыппар хатты раласы. Ӕртӕ хатты контейнертӕ раафтид кӕнынц, цыппӕрӕм хатт арӕзтадон бырӕттӕ раласынц.
💬 «Контейнерты цы нӕ уа, уый ласын махмӕ нӕ хауы. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр аласӕм. Сӕрмагонд техникӕ дӕр ма ӕрбатӕрӕм, алцыдӕр ссыгъдӕг кӕнӕм», — зӕгъы «ЭРА»-йы хицау Цхуырбаты Георгий.
Цӕрджытӕ сӕхи хъарутӕй цалдӕр хатты фӕнд кодтой фӕзы алыварс быру сӕвӕрын. Ныхас кодтой фӕткхалӕг адӕмимӕ, ӕвӕрдтой камерӕтӕ (мӕнг уыдысты), фӕлӕ иу сӕ дыккаг бон чидӕр ӕртыдта. Ныр уыцы хъуыддаг йӕхимӕ райста горӕты аивдзинад ӕмӕ цъӕх фӕлысты управлени. «Сапӕ»-йӕн куыд загътой, афтӕмӕй дзы хӕстӕгдӕр бонты сфидар кӕндзысты гӕрӕнтӕ.

24.02.202518:00
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

24.02.202511:02
Уыдысты ӕмӕ ма уыдзысты: Цӕгат Ирыстоны хӕхты тӕссаг у зӕйтӕ рацӕуынӕй
🔻Ивгъуыд къуыримӕ хӕхты рацыд 20 митзӕйы бӕрц. Хӕстӕгдӕр бонты уавӕр нӕ аивдзӕн ӕмӕ, раздӕрау, сӕ рацӕуынӕй тӕссаг у. Уый тыххӕй абон аппаратон ӕмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег.
Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ма цалдӕр бонты уыдзӕн тынг уазал, уардзӕн мит, уыдзӕн бырынцъаг.
Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрадӕй дӕр хъусын кӕнынц: 24-25 февралы республикӕйы иуӕй-иу рæтты ӕрцӕудзысты зӕйтӕ, тӕссаг у хидтӕн, электрон тыхдӕттӕг телтӕ ӕскъуынынӕй, фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕнынӕй.
➡️ Сӕрмагонд службӕтӕ сидынц шофыртӕм ӕмӕ бӕлццӕттӕм, цӕмӕй ӕнӕхъуаджы фӕгдӕгтыл ма цӕуой.

24.02.202514:00
Дзӕуджыхъӕуы Къостайы проспекты чи ӕхста, уыцы нӕлгоймаг уый размӕ дӕр нозтджынӕй машинӕ скъӕрдта
🔻Знон Бутырины уынгӕй Ватутины уынгмӕ фӕзилӕны BMW-йы шофыр нӕ сарӕхст, рацыд ныхмӕцӕуӕг фӕндагмӕ ӕмӕ скъуырдта Nissan-ы. Дыууӕ шофыры дӕр архайдтой сӕ машинӕтӕ бауромыныл, фӕлӕ Nissan-ы бӕлццон фӕцӕф ӕмӕ йӕ сӕрымагъз сӕнкъуысыд. Уый тыххӕй фехъусын кодта хъыгдардбаййафӕг сылгоймаджы чызг.
Хъыгдардбаййафӕг сылгоймаджы рынчындонмӕ аластой. Фӕлӕ, шофыртӕ тынг расыг кӕй сты, уый зонгӕйӕ бадзырдта пъӕлицӕмӕ. Уавӕр сын бамбарын кодта, ома, лӕппутӕ Чермены цӕссыгӕй сӕхимӕ тынг фӕкастысты ӕмӕ исты фыдбылыз расайдзысты.
Ууыл бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, ӕмӕ Къостайы проспекты 19-ӕм хӕдзары цур фӕсивӕд фӕбыцӕу сты. Хылгӕнгӕйӕ нӕлгоймӕгтӕй иу ӕрыгон лӕппумæ хӕцӕнгарз систа ӕмӕ йæ фехста, аластой йӕ рынчындонмӕ.
➡️ «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй BMW-йы шофыр ӕмӕ Къостайы проспекты цӕрӕджы 'хсӕн уыд цавӕрдӕр карз ныхас. Нӕлгоймаг йӕ машинӕйӕ автомат райста ӕмӕ афтӕмӕй ныхас кодта. Уыцы рӕстӕг сӕ рӕзты фӕцӕйцыд 22-аздзыд лӕппу ӕмӕ сӕ телефоны камерӕмӕ сисынвӕнд кодта. Уый фенгӕйӕ нӕлгоймаг йӕхи нӕ фӕурӕдта ӕмӕ йыл нӕмыг суагъта. Уый фӕстӕ фыдбылызы бынатӕй ацыд. Рагагъоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, у Камбилеевкӕйы 30-аздзыд цӕрӕг. Ныртӕккӕ у ахст.

Ko'proq funksiyalarni ochish uchun tizimga kiring.