Литературон журнал «Мах дуг» расидт НАФИЙЫ АЗ.
Ацы аз ирон литературæйы пехуымпар, ахуыргонд, зындгонд тæлмацгæнæг, поэт, прозаик, драматург, æхсæнадон архайæг Джусойты Нафийы райгуырдыл æххæст кæны 100 азы
.
Уый фæдыл литературон журнал «Мах дуг» РЕДАКЦИЙЫ МИДÆГ расидт НАФИЙЫ АЗ.
Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Ног хъæуы. 1941 азы сызгъæрин майданимæ каст фæци Кировыхъæуы астæуккаг скъола æмæ 16 аздзыдæй бархийæ ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Нафи салдат æмæ иузæрдион гражданины ном цæрæнбонты кадимæ хаста, удуæлдай лæггад кодта йæ Райгуырæн бæстæйæн. У 400 наукон куыстæй фылдæры автор. Мыхуырмæ бацæттæ кодта Секъайы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Мамсыраты Темырболат æмæ ирон литературæйы иннæ классикты уацмысты фыццаг æмбырдгæндтæ. Ныффыста ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуытæ 8-9 кълæстæн, литературон терминты дзырдуат, рауагъта дыууæ томæй «История осетинской литературы». Кæрон кæм ис йæ тæлмацтæ æмæ сфæлдыстадон куыстыты нымæцæн. Ныр та ма йæ хо Клавæ бабæстон кодта фыссæджы къухфыстытæ æмæ мыхуырæй рацыдысты 50 томæй. Дарддæр мыхуырмæ цæттæ кæныныц иннæ 10 томы дæр.
Æппæт Ирыстоны, Кавказы æмæ УФ-йы стыр кад кæмæн кодтой, уыцы фыссæг, философ, æцæг гражданин æмæ патриот Джусойты Нафийы ном æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты, фыст уыдзæн сызгъæрин доны тылд дамгъæтæй Ирыстоны историйы!
#журналмахдуг #нафи #юбилей #100азы #литература
@XurZaerin