Цӕгӕраты Созырыхъо
КЪУЫРИЙЫ БОНТЫ ХЫГЪДАМЫНД
ИРОН ÆГЪДАУМÆ ГÆСГÆ.
Ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæ сæ мидисмæ гæсгæ цардымидæг æнгом баст уыдысты къуырийы бонтимæ. Æгъдæуттæм лæмбынæг куы יркæсæм, уæд дзы алкæмæ дæр къуырийы бонтæй хаудта хицæн бон. Иу бæрæгбонæй иннæ бæрæгбонмæ рæстæг нымад цыди къуыригай.
Уыцы нымад æппæт Ирыстонæн дæр уыди иумæйаг æмæ бонтæ хæццæ нæкодтой. Фæлæ сæ фæстагмæ чырыстондинимæ барынвæнд куы скодтой, уæд суйтæ кæнын байдыдтой.
Ныр абон æркæс цардмæ, уæда дæм нал фæзонынц, кæцы бæрæгбон цы бон кæнгæ у, уый, æмæ сæ чи къуыри раздæр кæны, чи фæстæдæр.
Уæдæ цы амыдтой нæ фыдæлты нымадмæ гæсгæ къуырийы бонтæ?
КЪУЫРИСÆР - Барысчьиаг бон (нæфæтчиаг бон), уыцы бон ахсджиаг хъуыддæгтæ кæнæн нæй.
ДЫЦЦÆГ - Уастырджийы бон. Цы фæнды хъуыддаг дæр Уастырджийы фæдзæхстæй рæстмæ кæны.
ÆРТЫЦЦÆГ - Хæйрæджыты бон. Сæ ном сын æргомæй дзурæн кæй нæ уыди, уымæгæсгæ-иу дзырдтой «Рæстмæгæнджыты бон». Уыцы бон-иу таурæгътæм гæсгæ, хæйрæджытæ адæммæ хорз цæстæй кастысты, фыдбылыз нæ хастой.
ЦЫППÆРÆМ - Зæдтæ æмæ дзуæртты ном арæн бон.
МАЙРÆМБОН - Мæрдты бон
САБАТ - Мæрдты бон. Ирон æгъдаумæ гæсгæ ацы дыууæ боны кодтой мæрдтыкæндтæ.
ХУЫЦАУБОН - Йæ ном йæуæлæ, Хуыцаумæ кувæн бон.
Ирон нымадмæ гæсгæ къуырийы дæргъы ис æртæ кувæн боны: Дыццæг, Цыппæрæм æмæ Хуыцаубон.
Майрæмбоны-иу хур куы аныгуылди, уæд-иу æйхуыдтой сабатизæр – мæрдты кæндтытæн кæнæн уыд.
Сабаты фæссихор та хуыдтой Хуыцауæхсæв æмæ Хуыцауы ном арын æмбæлди.