Къӕвда мидӕмӕ хоста. Мӕ цӕстытӕ байгом кодтон ӕмӕ скастӕн рудзынгмӕ. Æртӕхтӕ цырд згъӕлдысты авгыл: иу ӕртӕх баиу иннӕимӕ, уыдоныл ӕрхауд ноджы иу – ныууӕззау сты ӕмӕ ӕбырыдысты дӕлдӕр. Цымыдисаг мын уыд рудзӕнгмӕ кӕсын – ӕртӕхтӕн уыд сӕхи цард.
Ӕрдӕгӕхкъӕд рудзӕнгӕй калд уалдзӕджы тӕф: хуылыдз ӕхсынцъыйы, нырма цалдӕр боны размӕ хӕлд, дидинӕджы, асфальт ӕмӕ цыдӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ умӕл. Тӕфтӕ баиу сты ӕмӕ фындз хъыдзы кодтой.
Рудзынгӕмбӕрзӕнимӕ хъазыд дымгӕ – чысыл змӕлыд. Хызгонд ӕмбӕрзӕн хуыд уыд иухуызон тымбыл дидинджытӕй. Дыууӕ ахӕмы ӕхсӕн цыргъ сыфтӕ, иуӕй-иннӕмӕ фӕлхатгонд цыдысты. Иу, дыууӕ, ӕртӕ, цыппар, фондз…